Урочы темæ: «Мад хъæбулæн у…"
Грамматикон темæ: Дзырды хæйттæ фæлхат кæнын
2. Ахуыр кæнын хибарæй хъуыды кæнын, кæрæдзийы куыстæн аргъ кæнын;
3. Разæнгард кæнын мадæлон æвзаг ахуыр кæнынмæ;
4. Хъомыладон куыст бакæнын.Мадмæ уарзондзинады æнкъарæнтæ арфдæр кæнын. Джеоргуыбайы бæрæгбоныл æрдзуырын
Урочы фæлгонц: 3 кьласы ирон æвзаджы чиныг, компьютер, интерактивон фæйнæг.
Урочы цыд.
Бацæттæгæнæн рæстæг.
Уæ бон хорз, сывæллæттæ. Абон нæм хуымæтæджы урок нæй, æрбацыдысты нæм уазджытæ, салам сын раттæм. Кæрæдзимæ бахудæм, хъазгæ - худгæйæ равдисæм нæ зонындзинæдтæ.
Мотивацион хай.
Равдисын мульткиноныв «Мады фарн».
- Сывæллæттæ, бакæсут-ма ацы мульткинонывмæ æмæ зæгъут, кæй тыххæй у ацы ныв? 1 слайд
(дзуапп: мады тыххæй)
3 Рацыд æрмæг фæлхат кæнын
Раттын алы къордан дар хицæн скъуыддзаг зарæджы текстæй (1 куплет базардимæ). Сæвæрын сын сæ разы хæс: баххæст кæнут, зарæджы тексты бындурыл уæм цы ассоциацитæ, æнкъарæнтæ æвзæры мад æмæ хъæбулы тыххæй, уый æвдисæг дзырдтæй уæ разы æвæрд таблицæтæ. Спайда кæнут æххуысгæнæн æрмæгæй дæр.
1 КУПЛЕТ:
Райсомæй дæ фæлмæн къухты
Хуры тынтæ хъазынц.
Байхъусын дæ рæсугъд зардмæ
Булæмæргътæ уарзынц.
БАЗАРД:
Мæ ныййарæг, мæ сызгъæрин,
Мæ рæсугъд мад, мæ зæрдæ.
Æз афæдзмæ куы нæ фæуин
Нымад дæуæн дæ хæрзтæ!
2 КУПЛЕТ:
Стъалыйау дæ мидбылхудтæй
Дун-дуне æрттивы.
Хъæлдзæгæй дæ цæстæнгасæй
Цард хуыздæрмæ ивы.
БАЗАРД:
Мæ ныййарæг, мæ сызгъæрин,
Мæ рæсугъд мад, мæ зæрдæ.
Æз афæдзмæ куы нæ фæуин
Нымад дæуæн дæ хæрзтæ!
3 КУПЛЕТ:
Адджынæй дæ хъарм хъæбысы
Æз æхсæвæй бонмæ
Хорз фынтæ уыдтон æнæмæт,
Æз кæсын дæ коммæ!
БАЗАРД:
Мæ ныййарæг, мæ сызгъæрин,
Мæ рæсугъд мад, мæ зæрдæ.
Æз афæдзмæ куы нæ фæуин
Нымад дæуæн дæ хæрзтæ!
мад | хъæбул |
Æххуысгæнæн æрмæг: ныййарæг, сызгъæрин, хуры тын, зæрдæйы уидаг, стъалы, цин.
Дзуапп:
мад | хъæбул |
ныййарæг | хуры тын |
сызгъæрин | цин |
стъалы | зæрдæйы уидаг |
Фарст:
-Уæдæ мад хъæбулæн чи у? 2 слайд
- Сызгъæрин, стьалы, ныййарæг. Бафыссын дзырдтæ фæйнæгыл
-Хъæбул - та мадæн?
-Дзуæппыта: хуры тын, цин, йæ зæрдæйы уидаг.
Фарст
- Зæгъут-ма, уидаг ма ноджыдæр цæмæн вæййы?
(дзуапп: бæласæн, адæмæн, дзырдæн).
- Æрбакæсут-ма фæйнæгмæ. Бæрæггонд дзырдтæн цы ис иумæйагæй? 3 слайд
1 къордæн:
Райсомæй дæ фæлмæн къухты
Хуры тынтæ хъазынц.
Байхъусын дæ рæсугъд зардмæ
Булæмæргътæ уарзынц.
2 къордæн:
Мæ ныййарæг, мæ сызгъæрин,
Мæ рæсугъд мад, мæ зæрдæ.
Æз афæдзмæ куы нæ фæуин
Нымад дæуæн дæ хæрзтæ!
3 къордæн:
Адджынæй дæ хъарм хъæбысы
Æз æхсæвæй бонмæ
Хорз фынтæ уыдтон æнæмæт,
Æз кæсын дæ коммæ!
Дзуапп
-Алы дзырды дæр ис
- ᴖ˄□
Тексттæ раттын алы къордæн дæр.
- Куыд уæм кæсы, цæуыл дзурдзыстæм абон нæ урочы?
(Дзуапп: дзырды хæйттыл, мады тыххæй)
- Уырыссагау та сæ куыд хонæм?
- Раст, абон нæ зæрдыл æрлæууын кæндзыстæм дзырды хæйтты нысаниуæг, мады хъарм æмæ фæлмæндзинад æнкъаргæйæ.
-Афыссæм ма уæдæ нæ тетрæдты абоны нымæц æмæ къласы куыст.
-Цæмæ хонæм ацы мæй афтæ? 4 слайд
(Сывæллæтты дзуæппытæ).
-Рафысут дзырдтæ уæ тетрæдтæм, ( 2 слайд) равзарут дзырдтæ дзырды хæйттæм гæсгæ.
Улæфты рæстæг. (Релаксаци) 5 слайд
Чи йæ бакæсдзæн æнæ рæдыдæй?
Арсимæ æз хъазын,
Абадти мæ базыл.
Арс йæ лæппынимæ хъазы,
Атылд пуртийау йæ разы.
-Ссарут, æрмæст уидаг æмæ кæрон кæм æмбæлы, уыцы дзырдтæ
Арсимæ
пуртийау
базыл.
лæппынимæ
-Æрмæст уидаг та? (Сывæллæттæ иумæйагæй кусынц, дзургæйæ)
Арс
æз
- Бакæсæм ма нæ интерактивон фæйнæгмæ. Дзырды хæйттæ фæхыл сты, раст уагыл сæ сæвæрут (6 слайд)
булæ мæргъ т æ ад джын æйбон мæ
хæрз т æ фын т æ
Сывæллæттæ интерактивон фæйнæгыл аразынц дзырдбæстытæ слайд
Чиныгимæ куыст (7 слайд)
-Байгом кæнæм нæ чингуытæ 55 фарсыл æмæ ссарæм 5 фæлтæрæн. Рафыссут æй. Бæрæггонд дзырдты рахицæн кæнут дзырды хæйттæ.
Адæмæн зæхх у сæ дарæг. Хур хæхты фæстæмæ фæцæуы, фæлæ ма йæ тынтæй рæвдауы зæхх. Хъызт зымæг райдыдта, æмæ хуры хъарм тынтæ нал тавынц зæхх.
Ахуыргæнæджы беседæ.
- Мады тыххæй бирæ ис дзурæн, иу ахæм адæймаг дæр нæ разындзæн мадæн стыр аргъ чи нæ кæны. Байхъусут - ма Хъесаты Валодяйы хъуыдытæм дæр. (8 слайд)
Цы ис зынаргъдæр, ад . . ындæр мады хъæлæсæй, мады . взагæй? Уыдон адæймагæн йæ райгуырæн бонæй суанг йæ царды кæронмæ æнæсцухæй йемæ вæ . . ынц.
Хæс:
-Æбакæсут-ма фæйнæгмæ,ацы дзырд цавæр дамгъæ фесæфта?
дж - ч
æ - ы
йй - й
IV. Урочы хатдзæгтæ.
1. Беседæ
-Цавæр æрмæг сфæлхат кодтам абон?
Дзуапп:
-Фæлхат кодтам дзырды хæйттæ, мад æмæ хъæбулы ахастытæ
Сывæллæттæ кæнынц хатдзæгтæ
-Смахмæ гæсгæ чи хуыздæр бакуыста уæ къорды?
Дзуапп дæтты иу скъоладзау.
-Мæнмæ гæсгæ…
-Чысыл цауддæр та ?
Ахуыргæнæг фæрсы скъоладзауты
Рефлекси (9 слайд)
-Худындзæгты 'руаджы равдисут уæ ахæст абоны урокмæ.
Фæцыд уæ зæрдæмæ æви, нæ фæцыд?
Хæдзармæ куыст (10 слайд) 55фарс,
хæдзармæ куысты нысан кæм ис, уый.